ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР ГЕРАСИМЫ ЦЫППУРСЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР ЙӔ ИУУЫЛРУХСДЗИНАД ГЕРАСИМЫ ЦЫППУРСЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ ЕПАРХИЙЫ   КУВӔНДӔТТЫ ЛӔГГАДГӔНӔГ САУДЖЫНТӔ, ДИАКЪОНТӔ,

ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР

ЙӔ ИУУЫЛРУХСДЗИНАД ГЕРАСИМЫ

ЦЫППУРСЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ

ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ ЕПАРХИЙЫ   КУВӔНДӔТТЫ ЛӔГГАДГӔНӔГ САУДЖЫНТӔ, ДИАКЪОНТӔ, МОЛАДЗАНТӔ ӔМӔ КУВӔГ АДӔММӔ

Чырыстийы ӕмдзинады кӕрӕдзийӕн уарзон сауджынтӕ, диакъонтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Зӕрдӕбын арфӕ уын кӕнын Чырыстийы Рухсрайгуырды стыр бӕрӕгбоны фӕдыл. Цыппурс у, ӕгас дуне стыр цинимӕ кӕуыл ӕмбӕлы, ахӕм бон, чырыстон аргъуаны иннӕ  бӕргбонты райдайӕн ӕмӕ  бындур.

Дунейы Ирвӕзынгӕнӕг, нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти, райгуырди Иууылрухс Чызг Мариамӕй Вифлеемы сахары, Ромы фыццаг император Октавиан Августы рӕстӕджы. Йӕ райгуырды бонты Вифлеемы уыдис адӕмы сфыст ӕмӕ Уаз Бинонтӕн бынат разындис, фос кӕм дардтой, ӕрмӕст ахӕм лӕгӕты. Уыцы ран, зӕххон стырадмӕ мур дӕр кӕм ницы амыдта ахӕм мӕгуыр уавӕрты, хъӕмпӕй конд лыстӕныл райгуырдис Хуыцаугоймаг Чырысти; мӕгуыр лӕгӕты тары сӕрттывта Ӕцӕгады Хур. Ӕрдӕгӕхсӕвы ӕнӕсымы, адӕм тарф фынӕй куы баисты уыцы афон, рӕгъау хъахъхъӕнӕг фыййӕуттӕ  алкӕмӕй раздӕр фехъуыстой  Хуыцауы Зӕдӕй Дунейы Ирвӕзынгӕнӕджы Рухсрайгуырды уац. Сӕрныллӕг рӕгъаугӕстӕ алкӕмӕй раздӕр саккаг сты Хуыцауы Фырт, адӕмы фервӕзыны сӕраппонд «цагъары хуызы онг» (Флп.2,7) Йӕхи Чи ӕрныллӕг кодта, Уый раз ӕрзоныг кӕнын. Фыййӕутты йедтӕмӕ Чырыстийы Рухсрайгуырды уац фехъуыстой персайнаг стъалыдӕснытӕ дӕр. Ацы скӕсӕйнаг дӕсныты хуызы буардзыдӕй ӕрцӕуӕг ӕцӕг Хуыцауы раз, йӕхӕдӕг уый не мбаргӕйӕ, ӕрзоныгыл кодта ӕгас рагон дуне.

Ирвӕзынгӕнӕг нӕ зӕхмӕ  Мад Майрӕмӕй куы рантысти, уӕд адӕймаджы ӕрдзыхъӕд баиу ис Хуыцауон ӕрдзыхъӕдимӕ. Бардарӕг Йесо Чырысти сси Хуыцауы фарнӕй сноггонд адӕймагады Райдайӕг, Ног Адам ӕмӕ сӕндидзын кодта, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды тӕригъӕд ракӕныны агъоммӕ цы фыццаг фарн уыди, уый.

Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд Чырыстийы мидӕг баиу Хуыцауимӕ, уый амоны тӕригъӕдтыл фӕсмон кӕнын ӕмӕ ӕууӕнчы фӕрцы адӕймаджы уд Чырыстиимӕ куыд баиу вӕййы, уымӕ. Цыппурсы бӕрӕгбоны уаз зарджыты дзырдӕуы, Чырыстийы Рухсрайгуырд кӕй фӕфылдӕр кодта а зӕххыл Хуыцаузонӕн, адӕмӕн кӕй байгом кодта тӕригъӕдӕй фервӕзыны фӕндаг, кӕй сын равдыста мӕлӕт ӕмӕ хӕйрӕгыл фӕуӕлахизы амал. Чырыстийы Рухсрайгуырд сси, алы адӕймаг дӕр уырнындзинад ӕмӕ фарнӕй кӕй фӕрцы хъуамӕ срухс уа, ахӕм бындур ӕмӕ адӕмы мыггагӕн байгом кодта Хуыцауимӕ ӕмдзарды ӕнусон амонд.

Фӕстаг ӕнусты дӕргъы Чырыстийы Рухсрайгуырды бӕрӕгбон йӕхицӕй нысан кӕны, чи фӕивгъуыйы, уыцы азы фӕуд ӕмӕ нын Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ цы ног аз дӕтты, уый райдайӕн. Ивгъуыд азы Дхзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы епархийы ӕрцыдис стыр цины цау: Хуыцауы фӕрцы, Дунеон Рӕсткад Аргъуаны цы сыгъдӕджыты ӕмбырдтӕ ис, уыдонмӕ бафтыд Ирон-Аллон зӕххы сыгъдӕджыты уанел.

2023 азы майы мӕйы Уырыссаг Рӕсткад Аргъуаны Уаз Синод рахаста историон бардзырд Ирон-Аллон сыгъдӕджыты уанелы бӕрӕгбон сфидар кӕныны тыххӕй.

Ацы хуыцауӕйлӕвӕрд бӕрӕгбон Дзӕуджыхъӕуы епархи банысан кодта ноябры мӕйы Уастырджийый къуырийы бонты. Рухсмӕлӕтрайсӕг ӕмӕ Уӕлахизхӕссӕг Уас Джиорджийы номыл кафедралдон аргъуаны, фыццаг хатт ацы кувӕндоны историйы,  Хуыцауы Литургийы куывд уыди ирон ӕвзагыл. Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты, ковиды эпидемийы фӕстӕ фыццаг хатт уӕрӕх форматы, ацыдысты Сыгъдӕг Георги-Уастырджийы номыл епархиалон бакастытӕ. Бӕрӕгбонты кӕронбӕттӕны рухсгонд ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы алчеры историон резиденцийы апостолӕмсӕр ӕлдар Владимиры номыл цы аргъуан ис, уый. Аргъуыды размӕ хуыцаумӕкувӕг адӕм хайад райстой ӕппӕтсахарон дзуӕрттимӕ цыды.

Аллон сыгъдӕжыты уанелы ӕппӕтаргъуанон кадгӕнӕн сси, Аланийы аргъуыды 1100 азы бӕрӕгбон  чи адарддӕр кодта, ахӕм ахадгӕ цау. Ныфс мӕ ис, стыр ахъаз фӕуыдзӕн  Рӕсткад дин Ирыстоны зӕххыл фидар кӕныны хъуыддагӕн. Хуыцауӕн йӕ цардӕй чи балӕггад кодта, нӕ уыцы ӕмбӕстӕгты канонизацийы процесс та ӕнӕмӕнгӕй адарддӕр уыдзӕн.

Арфӕ уын кӕнын Цыппурсы бӕрӕгбоны фӕдыл, мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, цӕмӕй уӕ удтӕ байдзаг уой Вифлеемы райгурӕг Чырыстийы цинӕй, чырыстон царды фӕндагыл цӕугӕйӕ, Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ ӕххуысӕй макуы фӕцух ут, фидар ӕмӕ хъаруджын ут, сабыр цард ӕмӕ уын даргъ цӕрӕнбонтӕ Хуыцау бахӕлар кӕнӕд!

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер

+ Герасим

Чырыстийы Рухсрайгуырд

2024 аз

Дзӕуджыхъӕу

Последние новости

Объявляется набор в иконописную студию

По благословению Высокопреосвященнейшего Герасима, архиепископа Владикавказского и Аланского объявляется набор учащихся в Иконописную студию на 2024/25 учебный год.

Ученые СОГУ и Никитского ботанического исследуют леса Северного Кавказа

25.07.2024 Ботаники факультета химии, биологии и биотехнологии Северо-Осетинского госуниверситета и ученые Никитского ботанического сада провели совместные геоботанические исследования для установления разнообразия ле

Ликвидировать микрозаймы

Руководитель Северо-Осетинского отделения партии СПРАВЕДЛИВАЯ РОССИЯ – ЗА ПРАВДУ Арсен Фадзаев, вместе с председателем партии Сергеем Мироновым считает,

Card image

В мире современного строительства и производства металлопрокат играет ключевую роль

Комментарии (0)

Добавить комментарий

Ваш email не публикуется. Обязательные поля отмечены *